Перейти к содержанию

Ашурбейли, Сарæ Балабек кызы

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сарæ Ашурбейли
азерб. Sara Aşurbəyli
Райгуырды датæ 1906-æм азы 27 январы(1906-01-27)[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2001-æм азы 17 июлы(2001-07-17)[1] (95 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз истори
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Адæмты хæлардзинады орден орден «Слава»
Государственная премия Азербайджанской ССР заслуженный деятель науки Азербайджанской ССР
Къухфыст Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сарæ Балабек кызы Ашурбейли (азерб. Sara Balabəy qızı Aşurbəyli, райгуырдис 1906-æм азы 27 январы Бакуйы — амардис 2001-æм азы 17 июлы Бакуйы) — советон æмæ азербайджайнаг историк, историон зонæдты доктор, Азербайджаны зонæдты академийы Историйы институты хистæр кусæг, профессор, Азербайджаны нывгæнджыты цæдисы уæнг, Азербайджаны ССР-ы паддзахадон премийы лауреат.

Ашурбейли кæм райгуырдис, уыцы хæдзар Бакуйы

Сарæ Ашурбейли райгуырдис 1906-æм азы 27 январы Бакуйы стыр хæрзаив хæдзары. Хæдзар 1904-æм азы самадтой зындгонд архитектор Иосиф Гославскийы проектмæ гæсгæ Церковный уынгыл (нырыккон Видадийы уынг, № 148). Ашурбели райгуырдис æмæ хъомыл кодта индустригæнæг æмæ меценат Балабек Ашурбеков æмæ йе ’мкъай Исмен-ханымы бинонты.

Уыд Ашурбековты мыггагæй, афшарты тюркаг знæмæй равзæрст. Сарæ ханум Ашурбейлийы æмæ Ичэри-Шэхэры мемориалон фæйнæгыл ис ахæм фыст: «Ацы хæдзары 1906-æм азæй райгуырдис æмæ цардис зонæдты сгуыхгт архайæг, историон зонæдты доктор, профессор Сарæ ханум Бала бек кызы Ашурбейли».

Æхсæз сывæллоны, фондз хойы æмæ иу ’фсымæры чысылбонтæ уыдысты æнæмæт, фæлæ ’гуыст — никуы. Иууылдæр райстой хорз классикон ахуырад.

Азербайджаны советон хицауад куы æрфидар, уæд Сарæйы бинонтæ фæлыгъдысты Туркмæ. Стамбулы Сарæ Ашурбейли ахуыр кодта Жанна д’Аркы номыл францусаг колледжы. Фæцис æй иттæг хорз нысæнттимæ 1925-æм азы, йе ’фсымæр та Галатасары. Сарæйы бирæ цыдæртæ цымыдис кодта. Чысылæй йæ зæрдæмæ цыд аивад, тынг хорз цагъдта пианинæйыл. Йæ уарзон композитортæ уыдысты Узеир Гаджибеков æмæ Фикрет Амиров, уæлдай кад кодта Шопенæн, уарзта хъусын Бюль-Бюлямæ.

1925-æм азы йæ бинонтæ раздæхтысты Советон Азербайджанмæ. Уыцы аз Сарæ ханум бацыд æмæ 1930-æм азы та фæцис Азербайджанаг паддзахадон университеты скæсæны факультеты историон-филологон хайад.

1941-æм азы Ашурбейли фæцис Азим Азимзадейы номыл конд Аивæдты училище. Йæ дипломон куыст хуындис «Натюрморт». Уыцы рагон сфæлдыстад æвæрд у авторы хи коллекцийы. Уыцы æмбырдгонды ма цымыдис сты ноджы дыууæ нывы — «Шекийы ханты галуан» æмæ «Гёй-Гёлы цад». Азербайджаны историйы музейы æвæрд ис Сарæ ханумы хæрзаив куыст «Гёйгёлы цад». Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æзты дæргъы куыста нывгæнæнг-декораторæй Азербайджанаг драмон театры. [2]

1942-æм азы æрцахстой Сарæ Ашурбелийы бинойнаджы — Бахрама Гусейн-задейы. Тæрхонмæ гæсгæ йæ хъуамæ топмæ ’рывæрдтаиккой, фæлæ уыцы тæрхон 1943-æм азы фæивтой æмæ йæ 10 азмæ арвыстой ахæстонмæ. [3]

Уыцы рæстæджы Сарæ фыста кандидатон диссертаци. 1949-æм азы йæ æнтыстджынæй бахъахъхъæдта Ленинграды институты. 1956-æм азы зонæдты Академийы вице-президент Самед Вургуны æхуыссæй Сарæ Аршубели райдыдта кусын йæ дæсниадмæ гæсгæ. Сси Азербайджайнаг историйы музейы астæузаманы хайады кусæг. Уым фæкуыста 1958-æм азы онг.

1964-æм азы Сарæ Ашурбейли бахъахъхъæдта докторы диссертаци Гуырдзыстоны зонæдты академийы историйы институты. Фыццаг райдыдта кусын Азербайджайнаг историйы музейы астæузаманы хайады сæргълæууæгæй, стæй куыста Азербайджаны зонæдты академийы ориенталистикæйы институты сæйраг зонадон кусæгæй, ахуыргонд секретарæй, хистæр зонадон кусæгæй, раздзæуæг зонадон кусæгæй Историйы институты. 1993-æм азæй йæ мæлæты онг Сарæ Ашурбейли уыдис Азербайджаны зонæдты академийы археологи æмæ этнографийы институты сæйраг зонадон кусæг. Сарæ Ашурбейли ныффыста азербайджанаг энциклопедимæ 100 æрмæгмæ ’ввахс историон темæтыл.

Зонадон куыстытæ

[ивын | Бындур ивын]

Хорзæхтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Азербайджаны ССР-ы паддзахадон преми
  • Кады нысан (26.01.1996)
  • А.Бакихановы номыл конд преми
  • Тагиевы номыл конд национ преми
  • Адæмты хæлардзинады орден
  • «Зонæдты сгуыхт архайæг»
  • «Афæдзы сылгоймаг» (1998)

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Sara Aşurbəyli // AlKindi (онлайн-каталог Доминиканского института востоковедения)
  2. Ашурли Р. К 100-летию со дня рождения С. Б. Ашурбейли Архивгонд æрцыдис 23 декабры 2017 азы. // sara-ashurbeyli.info.
  3. Списки жертв. Мемориал.